Главная | Регистрация | Вход | RSSВоскресенье, 19.05.2024, 01:03

МКОУ СОШ

с.Новый Урух

Меню сайта
Категории раздела
Мои статьи [8]
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 8
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Форма входа

Каталог статей

Главная » Статьи » Мои статьи

Кæнæ худинаг,кæнæ мæлæт

Урочы  темæ: Кæнæ худинаг,кæнæ мæлæт.

Урочы нысан: Æрдзурын скъоладзаутæн мады æнусон номыл.

                           Раргом кæнын Саломийы фæлгонц-йæ фидар удыхъæд.

Спайдагонд ахуырадон технологитæ .

Слайдтæ.

Информацион технологи.

Проектор.

Предметты  хсæн бастдзинад. Музыкæ ,информатикæ.

Урочы фæрæз:Коцойты Арсены портрет,текстон фæрæзтæ,зарæджы клип.

Хъомыладон фарст:фæлтæртæ-цардхæсджытæ.

Урочы цыд:

                               Раныхас дзуры ахуыргæнæг:

             Проекторæй æвдыст цæуы Джусойты  Нафийы  ныхæстæ:

 

 

                                                                                

          «Арсен скодта ирон хæххон сылгоймаг- мад Саломийы зæрдæхалæн кады зарæг».

Ахуыргæнæджы раныхас.

             Мад…Уый диссаг у æвæдза .Уый йæ хъæбулы улæфт дардмæ хъусы.Йæ хъæбул та зæры-зæрондмæ куы фæцæра ,уæддæр æй сывæллон хоны.Æмæ йын хур бон хуры тæвдæй тæрсы,къæвда бон суазалæй.

            Мады зæрдæ сыгъзæрин феста…

            Дунейы литературæйы бирæ ис мады сгуыхты  кадджытæ,таурæгътæ.

Æмбисондæн баззад Сулиоты кады трагедии.

            Турк æнусты дæргъы нæ басастой Грецийы хæххон район Сулийы цæрджытæ,бирæ хæстыты фæстæ ,уым нал баззад  иунæг лæг дæр.Уæд турк сылгоймæгты æмæ сывæллæтты уацары акодтой хæххон фæндæгтыл.Уыдон цагъары царды бæсты  сæхицæн равзæрстой  мæлæт.Къæдзæхы сæр систой кафын æмæ зарын,афтæмæй сабиты акалдтой былæй,стæй сæхи дæр аппæрстой сæ фæстæ.Сæ фæстаг зарæг уыд  «Хæрзбон æнамонд дуне».

-Афтæ ма кæй хъысмæт рауад,сывæллæттæ?

-Саломийы.

Æмдзæвгæ «Лигъдæттæ» Джыкайты Ш.

Лигъдæттæ,лигъдæттæ,лигъдæттæ

Бындзытау æмызмæлд кæнынц.

Фæлыгъдысты ихрæгътыл,къуыпрæгътыл,

Сæ хъысмæт сæ размæ хæссы…

Рахизæм текст æвзарынмæ.

-Текстимæ базонгæ уæвыны агъоммæ равзарæм ,рагагъом уын цы дзырдуатон куыст бахæс кодтон ууыл æнцойгæнгæйæ,цы æнæзонгæ дзырдтæ дзы æмбæлдзæн,уыдоны нысаниуæг.

Дзырдуатон куыст.

Скъоладзаутæй алкæцы дæр æмбарын кæны ,цы дзырд ын хæсгонд уыд,уый лексикон нысаниуæг алыхуызон фæрæзтæй пайдагæнгæйæ.

Дзырдтæ:къардиу,тæфсæг,Сули,пæлæз.

Ахуыргæнæджы хуызæгæвдисæг каст.

      Касты фæстæ сывæллæттæ дзуапп дæттынц  рагагъоммæ лæвæрд фарстæн.

    -Кæдæм æмæ цæмæн лыгъдысты адæм?

   -Чи уыди  Саломи?

   -Цавæр зындзинæдтæ бавзæрстой Саломи æмæ иннæ лидзæг адæм?

(ссарут сæ тексты æмæ сæ бакæсут).

-  Куыд сæм бартхъирæн кодта Саломи?

   Уацмысы анализ æвзаргæ кастæй пайдагæнгæйæ.

   Нывимæ куыст.          ÆВДЫСТ ЦÆУЫ СЛАЙД.

«Саломи æмæ йæ сывæллæтты  сæфт».

  Куыд уæм кæсы,цæмæн аппæрста Саломи йæ адджын хъæбулты къардиуæй? Нæ сæ уарзта?

 -Фыццаджыдæр, цы  бахъахъхъæдта Саломи?

(ахуырдзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ)

  Цавæр зæрдæйыуаг ис знагæн?

  Хатдзæг:Саломийы бынаты алы ныййарæг дæр ,мæнмæ гæсгæ,афтæ бакодтаид.Уымæн æвдисæн таурæгъ «Мады уарзондзинад хъæбулмæ»

(ахуыргæнæг дзуры таурæгъ)

 Хатдзæг:Куыд бамбæрстам ,афтæмæй мад ницы æвгъау кæны йæ хъæбулæн?

        Ныр та равзарæм радзырды æвзаг.

        Радзырды æвзаг у аив,рæстдзæф,адæмон æвзагмæ хæстæг.

  Арсен спайда кодта ахæм дзырдтæй ,кæцытæй адæймаджы зæрдæ сриссы,ис дзы стыр эмоционалон тых.

1.Дзынæзта бæхы хицау

 2.Мæстæй йæ зæрдæ атыппыр

  3.Ризын байдыдта

  4.Судзы адæргæй ,мæстæй (баивут сæ синонимтæй)

          Зæгъут- ма мын,цæмæн райдыдта радзырд ахæм цыбыр хъуыдыйæдтæй?

          Бафæллади Саломи…

Уый у аивгæнæн мадзал.(цæуы æвзæрст)

Хæдзармæ лæвæрд уыди ныффыссын цыбыр радзырд мады тыххæй.

(Скъоладзаутæ кæсынц сæ нывæцæнтæ).

Æмбисæндтæ мады тыххæй.  Æвдыст цæуынц проекторæй.

Мады зæрдæ –риссаг,фыды зæрдæ-мæтгæнаг.

Хъæбулы рисс мады зæрдæ цæвы.

Мады над-сой.

 (мидис æмбарын кæнынц скъоладзаутæ)

           Фæнды мæ сымахæн бæкæсын æмдзæвгæ мады тыххæй.

Чеджемты Æхсар» Мады  ном»

 Æцæгæйдæр зæххы хæзнатæй иу у Мад.

Уæдæ байхъусæм .Сечъынаты А.. зарæг «Мады сурæт»-мæ.

Æмбисæндтæ мады тыххæй:

Нæ хъус-ма æрдарæм фæйнæгыл фыст эпиграфмæ:

Проекторæй равдисын урочы эпиграф:

                 Ныййарæг мады цæстытæн сæ тынтæ,

         Йæ цотæн сты кæддæриддæр фæндаг.

                 Цæгæраты Максим.

       Уый афтæ у.Ныййарæг мад магнитау æлвасы йæхимæ йæ хъæбулы.

Мады цæстытæ хъæбулæн сты фæндаг.Хистæрæй фехъуыстон ахæм ныхæстæ,зæгъгæ,цотæй ныййарæджы фыдæбæттæ ничима бафыста.Æмæ уый æцæгæйдæр афтæ у.

Мады зæрдæйы цы стыр уарзондзинад вæййы йæ хъæбултæм,ууыл цасфæнды ныхас кæн ,уæддæр ыл никуы фæуыдзыстæм дзырд.

          Мады зæрдæ фидар у.Уымæн æвдисæн  8 августы 2008 азы гуырдзыйаг лæгмартæ та ногæй Хуссар Ирыстонмæ куыд ныббырстой,уый.

           Бирæ æрыгон фæсивæд бацарæфтыд уыцы хæсты.

         Æмæ та ногæй лигъдæттæ.Цал æмæ цалæй ныууагътой сæ цæрæнбынæттæ.Ирон адæм та ногæй ,сæ хордзентæ се ккой, сæ фæндаг акодтой  хæхтыл,кæддæр Саломи  цы фæндагыл цыди йæ ахсджиаг хъæбултимæ,ууыл.

Уал азы кæм фæцардысты .уал азы кæм фæфыдæбон кодтой,уыцы хъæутæ ныр æдзæрæгæй лæууынц.

Проекторæй æвдыст  цæуынц  слайдтæ. (6)  Хуссар Ирыстоны уавæр.

                             

         Хъомыладон куыст.

  -  Куыд уæм кæсы ,сывæллæттæ,абоны цардмæ ма акæсæм æмæ зæгъут,

ирон адæймаг раджы дæр æмæ абон  дæр цавæр у?

- Йæ зондахаст цавæр уыд æмæ у?

Уæ хъуыдытæ бафидар кæнут дæнцæгтæй.

Хатдзæг:Кæм æмæ  цы аххосджын фесты нæ цардбæллиц лæппутæ Хуыцау æмæ зæххы раз!

Цæмæн аскъуыд сæ рæзгæ цард?

Цæмæн ,цæй тыххæй,кæй тыххæй?

 Зын у ,тынг зын уыцы фарстæн дзуапп раттын.

                Плиты Грисмæ ис æмдзæвгæ «Мад» æмæ уым ис ахæм рæнхъытæ:

               Хæст лæгмар у,цард та дзы –æнуд,

               Тугæмхæццæ уæнгтыл уайы сурхид…

              Адæм,цæнгтæ бафистæг кæнут ,

              Æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл.!

Урочы кæронбæттæн.

-Цавæр у радзырды сæйраг хъуыды?

-Цæуыл нæ ахуыр кæны?

Ахуыргæнæджы хатдзæг.

     Рагæй æрæгмæ дæр ирон адæм уыдысты  хъæбатыр.,знаг-иу куы рбабырста йæ зæхмæ æнæнхъæлæджы,уæд-иу фæсивæды хуыздæртæ æрлæууыдысты йæ ныхмæ.Радтой сын-иу ныхкъуырд.

        Уæдæ –ма рахизæм ,нæ урокæн эпиграфæн кæй райстам,уыцы ныхæстæм.

   Мад никуы суæлæхох уыдзæн йæ хъæбулыл.Хъахъхъæндзæн æй фыдбылызæй,йæ цард ратдзæн йæ хъæбулы сæраппонд.

Царды бæрзонддæр нысан у-сабырдзинад.

Бæрæггæнæнтæ комментаритимæ.

Хæдзармæ куыст.Радзырд бакæсын.,мидис хи ныхæстæй дзурын,скæнын ныв

радзырдмæ гæсгæ.

Категория: Мои статьи | Добавил: Novouruh (12.04.2015)
Просмотров: 332 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Поиск
Друзья сайта
  • Официальный блог
  • Сообщество uCoz
  • FAQ по системе
  • Инструкции для uCoz

  • Copyright MyCorp © 2024
    Конструктор сайтов - uCoz