Главная | Регистрация | Вход | RSSСуббота, 18.05.2024, 22:01

МКОУ СОШ

с.Новый Урух

Меню сайта
Категории раздела
Мои статьи [8]
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 8
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Форма входа

Каталог статей

Главная » Статьи » Мои статьи

Нывмæ гæсгæ куыст

Темæ :Нывмæ гæсгæ куыст.

Хетæгкаты Къостайы ныв «Хохы ком»

Нысан:  Скъоладзауты сфæлдыстадон куыст ныффыссынмæ бацæттæ кæнын.

Дзургæ ныхасы рæзтыл кусын.

Фæцалх кæнын скъоладзауты сфæлдыстадон куыстытæ компьютерыл аразын,цæмæй сæ куыстытæ мидисджындæр кæной,сæ хъуыдыкæнынад та бæрзонддæр.

 Æрдзы нывтæм гæсгæ аразын хъæздыг ирон æвзагæй дзырдтæ,хъуыдыйæдтæ,радзырд, ирон æвзаг æмæ литературæйæ пайда кæнгæйæ.

Хъомыладон хæс: Сывæллæттæм рæзын кæнын уарзондзинад сæ райгуырæн бæстæм,ахуыр сæ кæнын нывæн характеристикæ дæттыныл.

Урочы хуыз: ныхасы рæзтыл куыст нывты руаджы.

Цæстуынгæ æрмæг: дунейы алы къуымты æрдзы нывтæ,Хетæгкаты Къостайы ныв» Хохы ком»

Спайдагонд ахуырадон технологитæ.

1.Компьютертæ.

2.Слайдтæ.

3.Хетæгкаты Къостайы конд нывтæ.

4.Казахстаны æрдз.

5.Информацион технологи.

         Абон нæ урок уыдзæн интегрирон -ирон æвзаг информатикæимæ.

Компьютерон технологиты фæрцы  сымах фендзыстут Ирыстон æрдзы  нывтæ ,æмæ уе нкъарæнтæ æмæ уæ сфæлдыстадон курдиат уæхæдæг  раргом кæндзыстут.

Эпиграф:  Дон ныссабыр и, ыстæнæг,

                    Комæй нал хъуысы йæ сидт.

                    Халас быдыртыл хæрз тæнæг,

                    Байтауы æвзист.

                                                      Кочысаты Мухарбег.

Пълан: (фæйнæгыл ахуыргæнæг æмæ ахуырдзауты æххуысæй саразын)

     1 .Нывы ном æмæ йæ автор.

     2. Ирыстоны хохы ком.

    3) айнæг къæдзæхтæ;

    4) хæххон цæугæдон;

    5) цъæх арв;

   6) æнусон хæххон бæлæстæ:

    Æнкъарæнтæ нывы фæдыл.

Урочы цыд:

1.Организацион хай.

Ахуыргæнæджы раныхас.

 

  2. Урочы нысан бамбарын кæнын сывæллæттæн: абон урочы бацархайдзыстæм диссаджы рæсугъд нывты фæрцы, уæлдайдæр, Хетæгкаты Къостайы нывы руаджы бавдисын нæ ирон æвзаджы хъæздыг æмæ аивдзинад.

          Сараздзыстæм рæсугъд дзырдтæ, дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ.

          Æрдз кæмдæриддæр куыд рæсугъд у, уый хъуамæ сымах зонат нывтæй, кинотæм кæсгæйæ, экскурситы фæрцы. Мæнæ æвдыст цæуы æрдзы нывты равдыст.(компьютерæй  æвдыст цæуы ныв,цæгъды ирон музыкæ). Ис дзы нывтæ «Фæззæг Туркменистаны», Фæззæг Таджикистаны», «Æрдз Киргизийы», «Азербайджаны æрдзы нывтæ»,  «Казахстаны æрдз».

           Сæ нæмттæ уын куы нæ загътаин, уæд, æнæмæнг, уæ зæрдыл æрлæууыдаиккой Кавказы æрдзы нывтæ.

Фарст: Цавæр элементтæ бæрæг кæнынц тынгдæр?

                (хæхтæ, дæттæ, хъæдтæ, арв, дæлвæзтæ, сæрвæттæ).

      -Ныр та æркæсут Хетæгкаты Къостайы æрдзы нывмæ,(æвдыст цæуы слайд) ,цыма бафтауиккат ацы дзырдтыл.

      -Нæзы бæлæстæ.

      -Ацы дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты?

Дзырдуатон куыст: арв, хæхтæ,  дæттæ, ком, бæлæстæ, къæдзæхтæ, мит.

       Фæйнæгыл фыст дзырдтæ: арвы ком, айнæг ,налхъуыт-налмасау, нæрæмондзинад, къæдзæхтæ, дæлвæзтæ, сæрвæттæ, хæрдгæ æндахау.

      Фæйнæгыл фыст дзырдтæй пайдагæнгæйæ  ацы дзырдтæм миногонтæ æфтаугæйæ дзырдбæстытæ ныффыссут.

                (цъæх арв, урс хæхтæ,бæрзонд айнæг къæдзæхтæ, æнусон нæзы бæлæстæ,цæугæдон,цъæх сæрвæттæ.

Нывыл куыст: Раныхас. Нывы истории.

              Æрæджы базонгæ стут Хетæгкаты Къостайы  сфæлдыстадимæ.Куыд поэт ,афтæ нын зонгæ у суанг нырмæ.Куыд нывгæнæг,афтæ йыл ныхас цæуы стæм  дæр хатт .Абон уæ зонгæ кæнын сымах  Къостайы æрдзы нывтимæ.Ацы нывы æвдыст цæуы арвы комы хæххон цæугæдоны был. Диссаджы хъæздыг ныв. Æрдзы хъæбысы æрдзы нывтæ.

               Цыбыр  радзырд. Бæрзонд айнæг хæхтыл мит рауарыд.Уый хуры тынтæм налхъуыт-налмасау  ферттивы.Цъæх арв мады хъæбысау йæхимæ æрбангом кодта  æнусон хæхтæ. Уыдон дæр сæхи ,цыма мады фæлмæн риуыл бауагътой,афтæ сæрыстырæй фæлгæсынц дунемæ.

           Æнæбын арф комы,кæддæр Пушкин æмæ Лермонтовы йæ нæрæмондзинад дисы цы Терк бафтыдта,уыцы  Терк йæхи раппар –баппар  кæны,цæмæй быдыртæм тагъддæр аирвæза .Доны былтыл æнусон нæзы бæлæстæ рæсугъд кæнынц Ирыстоны хæххон æрдз.

              Къоста бирæ хæттыты афæлгæсыд ,æвæццæгæн,ацы комы æрдзы нывыл.

Фарст: Уыдонмæ кæсгæйæ цавæр хъуыдытæ фæзыны адæймагмæ?

-Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад.

Фарстатæ.

1.Цы вдыст цæуы нывы?

2.Фыццаджыдæр цæст цæуыл æрхæцы?

3.Цавæр ахорæнтæй спайда кодта  нывгæнæг?

4.Цавæр афæдзы афон æвдисы ? Цæмæй бæрæг у ?

5.Хæхæтæ куыдæй æвдисы? Мит сыл  ныр

æруарыд æви раздæр?

6.Арв цы хуызы у?

7.Æмхуызон ахорæнтæй цавæр æрдзы элементтæ ахоры?(арв,хæхтæ,цæугæдон).Цæй бæрæггæнæн у ,уый?

8.Стыр цæугæдон у æви гыццыл?

9.Цавæр бæлæстæ рæзы ацы комы?

10.Нывы хур æвдыст цæуы?

11.Уæдæ хохы цъуппытæ цæмæн æрттивынц?

Фарст:Æркæсут –ма ,фыццаг цы нывтæ федтат уыдонмæ æмæ Къостайы нывтæм.Зæгъут,цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ?Цæмæй сæ иртасæм?

-Фыццаджыдæр уымæй,æмæ фыццæгтæ сты къамист,Къоста та сæ скодта йæхи къухæй.Афтæ зынынц ,цыма ныртæккæ бæлæстæ базмæлдзысты ,хæххон цæугæдоны сыр-сыр схъуысдзæн.

Хæдзармæ уын лæвæрд уыдис  ирон уацмыстæй нæ Ирыстоны  æрдз аив кæм цæуы æвдыст,ахæм хъуыдыйæдтæ рафыссын.(сывæллæттæ кæсынц се скъуыддзæгтæ).

Зæгъæм: Арф  уынгæг комы сæрмæ,бынæй ,комы дон хъодогæнгæ уади.

Йæ айнæг къæйбыныл къæдзтæгæнгæ уади хæрдгæ æндахау хæххон суадон.Хох фæцыд арф уынгæг комы сæрмæ,бæрзонд мигъты æмбæрц.

Хетæгкаты  Къоста «Дзæбидырдзуан»

            Ацы рæсугъд нывты фæрцы бавзардзыстæм саразын радзырд.Цæмæй радзырд йæ арæзтмæ гæсгæ уа раст ,уый тыххæй пайда кæнут пъланæй.Фæлæ уал уымæй размæ нывæн ратдзыстæм ном.Цавæр?

-Хохы ком.

Ныхасы бар информатикæйы ахуыргæнæгæн.

Скъоладзаутæ фыссынц радзырд нывмæ гæсгæ.

Урочы кæронбæттæн.

Хатдзæгтæ скæнын .

Бæрæггæнæнтæ коментаритимæ.

Хæдзармæ куыст: Радзырд кæронмæ хæдзары ныффыссын.

Категория: Мои статьи | Добавил: Novouruh (12.04.2015)
Просмотров: 322 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Поиск
Друзья сайта
  • Официальный блог
  • Сообщество uCoz
  • FAQ по системе
  • Инструкции для uCoz

  • Copyright MyCorp © 2024
    Конструктор сайтов - uCoz