Главная | Регистрация | Вход | RSSВоскресенье, 19.05.2024, 01:35

МКОУ СОШ

с.Новый Урух

Меню сайта
Категории раздела
Мои статьи [8]
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 8
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Форма входа

Каталог статей

Главная » Статьи » Мои статьи

Плиты Грис - Акъоппы фыст ǽмдзǽвгǽтǽ

Фашистон ǽрдонгтǽ нǽм куы ǽрбабырстой ,уǽд Ирыстоны фысджытǽ дǽр сǽ  адǽмимǽ  иумǽ ǽрлǽууыдысты Фыдыбǽстǽ  хъахъхъǽнджыты  рǽнхъыты. Нǽ литерǽтурон  фǽсивǽды  хуыздǽртǽй  ǽртисǽдзы бǽрц сǽ  цард  ǽрхастой  нывондǽн сǽрибары сǽрвǽлтау.Хǽсты райдайǽны се ппаты хистǽр  Хъанымǽтыл цыди 36 азы,сǽ тǽккǽ кǽстǽртǽ Елехъоты Мурат,Хайманты Георгийыл та- ǽвддǽсгай азтǽ. Уыдон ǽфсис нǽ зыдтой  уалдзǽджы цъǽхǽй,сǽ риутǽ дзаг уыдысты уарзондзинадǽй,рухс фǽндтǽй. 

             Алкǽй тыххǽй дǽр дзы зǽгъǽн ис Нигер Хозиты Яковǽн цы ныхǽстǽ загъта ,уыдон:»Цардмǽ рауад хъазгǽ,худгǽ ,дидинǽгау саби…Уаих уа,ǽруади мǽлǽт…Атыдта йǽ,нал и…Фǽлǽ зǽрдǽ-цины зарǽг-аззади уǽлǽуыл…»

             Ǽмǽ ныннǽрыди тохы зарǽг ,денджызы уылǽнтау чи рафыхт ǽмǽ ныууромǽн кǽмǽн нал  уыд,дзыллǽты фыдгулы ныхмǽ стын хъом ǽмǽ разǽнгардгǽнǽг чи уыдаид,ахǽм зарǽг.Уыдонǽй ныззарыдысты тохы зарǽг .Уымǽн ǽмǽ тохы зарǽджы зǽлтǽ ирон лǽг йǽ мады ǽхсыримǽ банкъары. 

            Тох ныккодта…

            Тохы зарǽг систой Иры поэттǽ  ǽмǽ цыдысты хǽсты цǽхǽрмǽ -бирǽтǽ бархи  ,барвǽндонǽй.Цыдысты ǽрцу ǽмǽ ма рцуйы фǽндагыл.Бирǽтǽ дзы  царǽфтыд баисты, се нǽфыст  зарджытǽ ахастой семǽ.Фыстой сǽ акъоппыты  уǽгъд  рǽстǽг.

            Уазал, цъыфбын уæрмы цалдæрæй бадæм,
Иу мады зæнæгау, мах,
Сау зынты бахауæг алгъуызон адæм:
Фидар уырыссаг, хъазах,
Сомихаг, лекъаг, Гуырдзыстонæй рафтæг,
Хорджын украйнаг, ирон...
Акъопп нæ абон куыд иу кæны, афтæ
Никуы ма фенди ныронг.
Нæй сæ лæгдзинадæй иуы дæр фауæн:
Рæвдз æмæ 'хсарджын — хæсты,
Иу сæ нæ бауадздзæн иннæйы 'рхауын,
Иумæ та — уарзон бæсты.
Бавзæрстам исты æхсызгонæй, мастæй —
Не 'хсæн æй байуарæм уæд.
Уарзын сæ, адджын æфсымæрты уарзтæй,
Райсин сæ сæрыл мæлæт.
Фæлæ «ирон лæппу басгуыхт!» — куы 'рхæссы
Исчи нæ карз хæстæй цау —
Зæрдæмæ хицæн цыдæр рухс ныккæсы,
Уалдзыгон хуры тынау.

            Тохы зарǽгимǽ уайтагъд ралǽгтǽ сты зноны скъоладзаутǽ ǽмǽ цыдысты тохы цǽхǽрмǽ.

            Уǽ мǽ хǽлар,рабад,райс дǽ гǽрзтǽ!-

            Нал ис бирǽ сагъǽстǽн  рǽстǽг,-

            Сиды,хъус-ма,сиды нǽм нǽ бǽстǽ,

          Сау фыдгул ǽрбабырста хǽстǽг.

         

              Кæй зæрдыл нæ лæууы Лермонтовы рæнхъ: «... Æмæ стъалы стъалыимæ дзуры...» Цымæ куыд дзурынц стъалытæ сæ кæрæдзиимæ?.. Æвæццæгæн, рухсы руаджы, рухсы тынтæй. Адæймагæй адæймаджы 'хсæн дæр вæййы ахæм ныхас: дыууæ уды кæрæдзимæ фæкæсынц æмырæй, афтæмæй фæдзурынц сæ зæрдæты фæндийæгтæ. Уæд цымæ цæй руаджы?.. Мæнмæ гæсгæ — цæсты рухсы руаджы. Æрмæст уыцы рухс цæуы адæймагæн йæ зæрдæйæ, йæ уды рæбынæй, хæсгæ та йæ кæны дзырд йæ базыртыл, кæд æцæг дзырд уа, æнусон аивæй рантысгæ дзырд уа, уæд.

              Ахæм дзырдæй, æнусон аивæй рантысгæ дзырдæй, амад вæййынц æцæг поэтикон уацмыстæ. «Æнусон аив» — уый фыццаджы фыццаг ис нæ алфамблай, æрдзы дунейы. Уый Пушкины нымад у: «...æнцойуд æрдз Æнусон аивæй тæмæнтæ калдзæн». Уыцы æнусон аив, рухсуадзæг аив ис «æнцойуд æрдзы» дæр æмæ «æнцойуд адæймаджы» миддунейы дæр. Æцæг, «æнцойуд æрдзæй» цæуы æвæлмон «æнусон аив», уый рухс кæны алкæмæн дæр æмæ алцæмæй дæр — губаччы мæлдзыгæй удуæлдай хъайтары онг, уæлдай йын сæ ничи у. Адæймаджы миддунейы цы «æнусон аив» ис, уый æрдзы «æнусон аивæй» хицæн кæны иу æвæджиау миниуæгæй: уый дæр, кæд рæзгæ «æнцой уды» хуылфы бакæны, уæддæр дзы хизгæ æрмæст уæд ракæны, дунейы, адæмы æхсæндзарды æмæ адæймаджы зæрдæйы хæтæнты гармони куы фехæлы. Гармонийы паддзахад æрывæрын адæймаджы дунейы, адæймагады æхсæндзарды, — уый у поэзи æмæ поэты бæрзонддæр нысан, йæ бæллиц, йæ зарæг æмæ йæ хъарæджы ратæдзæн. Уымæй аразгæ сты йæ ристæ æмæ йæ цинтæ æппæт дæр; ууыл амад сты йæ рай æмæ йæ хъынцъым, йæ сабыр æнтъыснæг æмæ æрхæндæг додой...

             Раст ахæм у, алы хорз поэтау, Грисы поэзийы æрдзыхъæд дæр. Ахæм уыди йæ райдианæй йæ кæронмæ.

            Грис, йæ царды хорзæй цы уыд, ууыл дзурын нæ уарзта. Стæй канд хуымæтæджы биографион информацийы хуызы нæ, фæлæ поэтикон ныхасæй дæр. Æцæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ уыд ахæм скойтæ йæ уацмысты. Уæд, иууыл фылдæр цæуыл дзырдтой нæ фысджытæ, уый уыди паддзахы рæстæджы æмæ ног цардаразæн дуджы 'хсæн контраст. Ис Грисмæ дæр уыцы контрастыл амад уацмыстæ. Фæлæ Грис Стыр хæсты цæхæры цы федта æмæ цы бавзæрста, уыдон ын ферох кæнын кодтой ахæм уæлæнгай ахаст адæймаг æмæ адæмы цардмæ. Ныр йæ зарæджы æмæ йæ тæрхоны сæйраг систы адæмы зæрдæйы æмæ æхсæндзарды гармонийы хæлд цы миниуджытæ байрæзын кодта, уыдон.

           Хæст æмæ хæстон фыдæвзарæн систы Грисы сæйраг дзуринаг, хæсты быдырмæ куы бацыд, уæдæй суанг йæ царды фæстаг азтæм. Хæст у, Грисы нымадæй, «цардæй мæлæты 'хсæн цы ауæдз ис», ууыл цæуын. Хæст у æвирхъау фыдæвзарæн, хæцæны знаджы ныхмæ чи лæууы, уыдонæн дæр, стæй хæцæнæй дард ран фыдудæй чи мæлы, йæ хæстон хъæбултæм хæцæнмæ чи дзыназы, уыдонæн дæр. Поэт иууыл карздæр æлгъыст дæр уымæн хай кæны хæстæндзарджытæн:

         Æлгъыстæй зындоны дзыназа,
         Цы лæг æрымысыди хæст!

          Хæст — кæрæдзийы цæгъдын, дунейыл фыдæх æмæ хæрам тауын... Æлгъыстаг дæр уымæн у хæст салдат æмæ поэтæн. Фæлæ адæймаг салдаты цинел йæ адæмы фыдгулæй бахизыны охыл куы скæна, цагъаргæнджыты цæгъдынмæ куы райса марæн кард, уæд хæст у арфæйаг:

        Æнустæм арфæйаг уа, бартыл
       Цы лæг æрымысыди хæст!

          Кæй зæгъын æй хъæуы, салдат цыфæнды рæстаг хъуыддаджы фæдыл ма бацæуа хæсты тымыгъмæ, уæддæр уымæй йæ хъизæмар къаддæр нæ кæны.

          Уый йæ хъизæмарæй фервæзыны охыл ахизы æлгъыстаг фæуыны тасы сæрты дæр. Уый уромы æвирхъау фыдуавæр æндæр хъуыдыйæ — салдат зоны, «дзыллæйы уæлахиз» уый æхсарыл, сæруæлдай сгуыхтыл кæй у баст, æмæ йæ ахæм бæрзонд нысан разæнгард кæны «танталы зынты» сæрты ахизынмæ.

              Ацы уавæры нымаинаг у салдаты интеллект. Грисы салдат тыхджын æрмæст уæнгты фидар æмæ уды хъæбатырдзинадæй нæу. Уый æвæджиауы фидар у зондæй, хъуыдыйæ, дунейы цардыл иу цæсты ныкъуылдмæ чи 'ххæссы, царды æмæ адæймаджы зæрдæйы æппæт фæливæнтæ дæр чи уыны æмæ нымайынхъом чи у, уыцы хъуыдыйæ. Буары тыхæй фыдгулы салдат дæр цух нæу. Советон салдат уæлахиз кæны йæ рæстад æмæ йæ зонды тыхæй, бæрзонд хъуыдыйы хъаруйæ. Буар куы сæдых вæййы, уæддæр рæстаг хъуыддаджы сæрыл хæцæг салдатæн йæ хъуыды схицæн вæййы йæ фæллад буарæй æмæ агуры ног фæрæзтæ уæлахизæн.

             Плиты Грис Фыдыбǽстǽйы хǽсты цаутыл акъоппыты цы поэтикон уацмыстǽ ныффыста,уыдон хицǽн чиныгǽй - йǽ ном «Салдат»- рацыдысты  1948 азы.Уыцы уацмысты сǽйраг миниуджытǽ сты советон адǽмы ǽхсидгǽ патриотизм ǽмǽ тыхджын ǽнǽуынондзинад дунейы адǽмтǽн  цагъархǽссǽг фашисттǽм.

           АКЪОППЫ

Уазал, цъыфбын уæрмы цалдæрæй бадæм,
Иу мады зæнæгау, мах,
Сау зынты бахауæг алгъуызон адæм:
Фидар уырыссаг, хъазах,
Сомихаг, лекъаг, Гуырдзыстонæй рафтæг,
Хорджын украйнаг, ирон...
Акъопп нæ абон куыд иу кæны, афтæ
Никуы ма фенди ныронг.
Нæй сæ лæгдзинадæй иуы дæр фауæн:
Рæвдз æмæ 'хсарджын — хæсты,
Иу сæ нæ бауадздзæн иннæйы 'рхауын,
Иумæ та — уарзон бæсты.
Бавзæрстам исты æхсызгонæй, мастæй —
Не 'хсæн æй байуарæм уæд.
Уарзын сæ, адджын æфсымæрты уарзтæй,
Райсин сæ сæрыл мæлæт.
Фæлæ «ирон лæппу басгуыхт!» — куы 'рхæссы
Исчи нæ карз хæстæй цау —
Зæрдæмæ хицæн цыдæр рухс ныккæсы,
Уалдзыгон хуры тынау.

          Поэт йǽ чиныг цы номǽй схуыдта,уый йын ǽргом кǽны йǽ сǽйраг идейон мидис.Поэт сарǽзта  советон советон салдаты тыхджын ǽмǽ бирǽǽрсыгджын фǽлгонц.Советон салдат Райгуырǽн бǽстǽйы  раз уымǽн   ǽххǽст  кǽны йǽ хǽс,,кǽд ын цыфǽнды зын у ,уǽддǽр.Уый хǽсты райдианǽй йǽ кǽронмǽ цы дард фǽндǽгтыл фǽцыд ǽмǽ цы хъизǽмǽрттǽ баййǽфта,арǽх-иу гǽрзифтонг знагимǽ мǽлǽтдзаг тохы куы бацыд ǽмǽ хǽсты кǽрон уǽлахизимǽ сǽхимǽ куы сыздǽхт,уыцы хабǽрттǽ нын ракодта  поэт йǽ монолог»Салдат»-ы.

            Ацы уавæр диссаджы аив æвдыст æрцыдис  Грисы хæстон уацмысты хуыздæры:

Фæллад æфсæдты афæлдæхта хуыссæг
Æмæ ныцци салдаты фынæй зæхх. 
Ныссабыр буар. Фæлæ нæ сабыр кодтой
Лæгæн йæ уд, йæ хъуыдытæ, йæ зонд: 
Куы-иу ныфсхаст дæлимоны худт кодтой
Æнæбон буарыл — чи басаст; куы-иу
Фæппæррæст ластой, урс-урсид бæлæттау, 
Æмæ дунейыл ратæх-батæх кодтой,
Рæстдзинады фæдисæттау, куы та
Æххуысгур ивгъуыд заманы зылдысты;
Куы суинаг дугмæ тахтысты, цæмæй
Тых райсой искуы, бауадзой йæ буары
Æмæ та райсом рабада хæстмæ.
Фæлæ тыхсаст буар нал куымдта тæлфын дæр,
Æмæ йæ уæлхъус урс-урсид бæлæттау,
Сæ цæстысыг ныхъхъуыргæйæ, куыдтой...

              Грис — психолог æмæ аив дзырды дæсны — иттæг хорз зыдта: ис адæймаджы зæрдæйы æвæрæнты дыууæ фæлтæры цæссыгтæ, стыр цин æмæ зынуромæн хъыджы цæссыгтæ. Салдаты хъуыды ныббыхсдзæн æппæт зынтæн дæр, кæудзысты йæ хъуыдытæ, урс бæлæттау, фæлæ йæхи цæсты бын уыдзæни хус. Æрмæст уæлахизы цины цæссыг æппæт фыдæвзарæнтæн бафæразæг салдат дæр нæ уромы. Æмæ Грис ныффыста хæсты фæудыл, стыр уæлахизыл æмæ стыр трагедийы фæудыл æвидигæ хъыг æмæ зынуромæн цины гимн:

          Кæсы салдат, йæ цæст æвзары, —
          Æфтауы акъаци сыфтæр,
          Тъæллангæй булæмæргъ ныззары,
           Æнкъусы дидинæг йæ сæр.
          Сæ фале саппыл бур саг хизы,
          Йæ роды дзидзийæ хынцы...
          Салдат ныджджих и, бацыд дисы, —
          Зæххыл цы диссæгтæ и, цы!
          Цымæ æцæг уой æви фыны?—
          Йæ зæрдæ байдыдта кæрзын,
          Æмæ йæ цæстытæн сæ быны
          Дыууæ егъау сыджы фæзынд.
         Йæ зынты фатау цы лæг ацыд,
          Ныр уый бæрзæйкъулæй лæууы,
         Æмæ салдат, дыууиссæдзаздзыд,
          Цæхджын цæстысыгæй кæуы.

                       Иу фæкастæй афтæ зыны, цыма салдат, кæд цыфæнды фыдæвзарæнты фæци, уæддæр йæ бирæ хъыгтæ ахицæн уыдзысты йæ удæй «цæхджын цæстысыгимæ» æмæ та ралæудзæн йæ цардбæллон зæрдæйы хъуыды, æнкъарæн æмæ фæлдисæн архайды гармони. Фæлæ Грис хорз зыдта: салдат хæсты быдырмæ цы лæгæй ацыд, уымæй не 'рыздæхт фæстæмæ. Хæсты фыдæвзарæн салдаты удыл ныууагъта бирæ хъæдгæмттæ æмæ дзы бынат нал уыд æнцой æмæ гармонийæн. Æниу ма хæсты фыццаг аз Грисы уырныдта: хæст куы фæуа, уæд та йæ раздæры сæнттæм æрыздæхдзæн: «Ма сæфут, мæ бæллицтæ, мæ сæнттæ. Фарн куы уа, фæзындзынæн уæм уæд!» Уый бæргæ рæсугъд ныфс уыд, фæлæ царды æцæгдзинад равдыста уыцы ныфс хæрзвæндиагæй уæлдай кæй ницы уыд... Æмæ уæд поэт скодта йæ рагбæллицтæ æмæ йæ сæнттæн хæрзбоны æрхæндæг зарæг — «Хъæлæс». Цы ныфс, цы бæллицты бархъомысæй хæцыди, уыдонмæ куы 'рцыд фæстæмæ мæлæт æмæ царды 'хсæн ауæдзæй, уæд сæ нал ссардта. Æрмæспг ма сын хъусы сæ хъæлæс, кæддæры уарзоны хъæлæсау. Сиды уыцы хъæлæсмæ:

  Иунæг хатт ма сабыр худгæ ракæс,
 Хъусты нæ, мæ цæсты раз æрлæуу!..
 Ацæуин дæм уырдæм, фæлæ — сагъæс! —
Уым, мæрдты, куынæуал хъусон дæу!..

            Раст у поэты нымад: хæсты размæ царды æмæ зæрдæйы хъулæттæ куынæма зыдта, уæд йæ хъуыды, йе ' нкъарæнты æмæ цардæмбарынады цы хуымæтæг гармони уыди, уый фесæфт, уый ацыд уæларвон дунемæ æмæ йын ссарæн нал уыд. Ралæууыд фæсхæсты дуг, цард æмæ адæймагыл дзурыны дуг, сагъæс кæныны æмæ тæрхон кæныны рад.

            Хæсты азты Грисы лирикæйы уыд æрмæст иу ницæййаг адæймаг. Уый-иу куы тæрхъусы хуызы разынд, куы — мысты, куы — комкоммæ тæппудæй. Йæ поэзийы сæйраг адæймаг уыди удуæлдай салдат, йæ антипод тæппудæн. Фæсхæсты цардивæнты ахæм нымад æгæр хуымæтæг уыдаид. Ныр Грисы поэзи æмæ драматургийы ирдæй æвдыст æрцыдысты æхсæндзарды бирæ алыхуызон контрасттæ, ныхмæдзыдтæ, карз быцæутæ æмæ сусæг-æргом тохтæ. Æмæ царды ныв ахæм хуызы æвдисын æдас никуы уыд, нæ уыди æдас советон дуджы дæр. Уæд барджын цинвæлыст хицæуттæ домдтой фысджытæй цыты зарджытæ, æппæлæн ныхæстæ, цæстмæ митæ... Грис ахæмтæ йæ сæрмæ никуы хаста, æмæ йæм уыйадыл официалон æфхæрд æмхиц уыди. 1952 азы ист æрцыд «Мах дуджы» редакторы бынатæй æмæ уæдæй фæстæмæ поэты фæдыл, сау сынтытау, зылдысты æфхæрæн ныхæстæ, дамтæ, цæстыфтауæн уацтæ... Фæлæ хæцæны æргом знаджы ныхмæ лæууынæй царды гуылфæнты мещанон индивидуализмы ныхмæ, царды рæстдзинад халджыты ныхмæ хæцын бирæ зындæр æмæ вазыгджындæр у. Грис уый бавзæрста иууыл карздæр хуызы, æмæ хæцæнæй йæхи дард никуы аласта. Иууыл зындæр ын куы уыд, 1969—70 азты, æмдзæвгæ «Рагон Ир» мыхуыры куы фæзынд, уый фæстæ. Æмæ уæд ныффыста ног ныстуан:

Дæ разы чи фæнды уæд хицау,
Зæххон зæд уа æви хайуан, —
Мæрдты къæй фест, поэт, дæхицæй
Куы скæнай искæмæн айуан!
Ды дæ дæхи бæрзонддæр бардуаг,
Дæ хаст уынаффæ дын — уæлдæр,
Дæ цард мыд уа, æви дын марг уа,—
Дæ мæсыг амай æмæ цæр!
Æмбæхс дæ маст æмæ дæ цинад,
Дæ сыгъдæг миддуне дын — дзуар.
Зæххыл ис иу хуыцау — Рæстдзинад,
Ды иунæг уымæн дæ цагъар.

               Грис ацы æмдзæвгæ куы ныффыста, уый фæстæ ма бирæ фæцард, фæлæ никуы фæиппæрд сты кæрæдзийæ йæ фæдзæхст æмæ йæ аив ныхасы мидис, йе 'хсæнадон позици æмæ йæ цардвæндаг. Раздæрау фыста салдаты хъизæмарыл дæр æмæ, салдатмæ чи 'нхъæлмæ каст, афтæмæй йæ мас~ тæлгъæд бонтæ чи 'рвыста, уыдоны тыххæй дæр. Æмæ нæ поэзийы æнустæм мысинагæй баззайдзысты дыууæ фæлгонцы, дыууæ мады бæрзонд трагикон сурæттæ: авд æфсымæры мад («Авд цухъхъайы») æмæ номдзыд инæлар æмæ йе 'дзард æфсымæры мад («Мады фæдзæхст»).

            Йæ царды дыккаг фæлтæры Грис арæх фыста ноджы иу ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл. Иæ мидис уыцы хъуыддагæн — ирон рæсугъд æгъдау. Адæймаджы уд рæсугъд цæмæй уа, ахæм фæтк æмæ æгъдауы сæрыл поэт бирæ зæрдиаг ныхæстæ загъта йæ фидауцджын уацмысты. Уый сæ~ рыстыр уыд, нæ адæмы миддунейы рæсугъдæй цы уыд æмæ цы ис, уымæй. Уый хъыгзæрдæйæ дзырдта, адæймаджы ном чъизи цы миниуджытæй кæны, уыдоны тыххæй. Уымæн уыд йæ бæллиц лæджы зæрдæйы сырд амарын.

            Грисы поэзи нæ дзырдаивады у стыр æмæ бæрзонд фæзынд. Йæ ном æмæ йæ аивад уыдзысты æнустæм мысинаг æмæ цæрдзысты, æнусон аивау, нæ ирон удварны дунейы.

           Тыхджын ǽмǽ зǽрдǽргъǽвд литературон фǽсивǽд уыдис хǽсты хǽдагъоммǽ Цǽгат Ирыстоны.Фǽлǽ тохы бон куы ныккодта,нǽ райгуырǽн бǽстǽ уынгǽджы куы бахаудта ,уǽд уыцы суинаг фǽсивǽды ,искуы- иуǽй фǽстǽмǽ ,бахъуыд сǽ къухтǽм  хǽцǽнгǽрзтǽ райсын ǽмǽ хǽсты быдырмǽ ацǽуын.Уыдонимǽ  уыд ысты  Кочысаты Мухарбег ǽмǽ Калоты Хазби.Адон цыфǽнды зын уавǽрты дǽр нǽ рох кодтой  аив уацмыстǽ фыссыны ахджиаг хъуыддаг-фыстой ǽмдзǽвгǽтǽ,къаннǽг радзырдтǽМǽнǽ куыд фыссы хǽсты быдырǽй  Мухарбег йǽ мадмǽ:

       .

Мæ фын фæлыгъди. Хуыссæг та мæ н’ ахсы.
Хæстæг у бон, æвæццæгæн, хæстæг.
Уæдæмæ, цæй, мæ райгуырæн Кавказмæ
Ныффыссон æз гъе ацы ’хсæв фыстæг.

Ыссыгътон цырагъ ныккæнды æдæрсгæ.
Мæ чысыл пецы бафу кодтон арт...
Салам дæуæн, мæ райгуырæн хæхбæстæ!
Æнæниз у, мæ ныййарæг, мæ мад!

Æрвитын дын хæсты быдырæй абон,
Æрвитын дард Украинæй салам.
Дæ буц хъæбул, дæ иунæг фырт, дæ уарзон
Нæ рох кæны дæу иу минут дæр ам.

Мæ цæстыл уайы райгуырæн хъæубæстæ,
Нæ хъæдынкъул, нæ æлыгбын хæдзар,
Дæ дæлбазыр кæм рæзыдтæн æдæрсгæ,
Кæм æрвыстон мæ рæзгæ бонты цард.

Мæ цæстыл уайыс алы бон, ныййарæг,
Цыма та бадыс рудзынджы раз ныр.
Кæсыс æнхъæлмæ: «Искæцæй, мыййаг, кæд, —
Фæзæгъыс ды, — æрбазынид мæ фырт...»

Æз зонын хорз дæ хъуыдытæ, дæ фæндтæ,
Кæй у дæуæн æнæ мæн, нана, зын.
Æмбарын æз, кæй мыл риссы дæ зæрдæ,
Кæй дæм фæзыны хаттæй-хатт цæссыг...

Нана, дæ зæрдæ ма дзурæд мæнимæ,
Дзæгъæлы ма кæн, ма, нана, æнкъард, —
Куыд нæ дæн æз хæсты быдыры иунæг,
Нæ дæ ды дæр гъе афтæ иу, мæ мад.

Фæуыдзæн хæст! Нæ рæстдзинады кардæй
Ызнаг æрцæудзæн тагъд рæстæджы саст.
Æмæ дæм уæд, ныййарæг мад, æз дардæй
Фæзындзынæн сæрæгасæй æваст.

      Ацы ǽмдзǽвгǽ фыст ǽрцыд 1943 азы хǽсты быдыры.

     Йǽ бирǽ ǽмдзǽвгǽтǽ систы зарджытǽ..Хуымǽтǽджы нǽ ахаста Къостайы «Ирон фǽндыр» хǽстмǽ ǽмǽ йǽ улǽфты рǽстǽг каст акъоппы.Чи зоны,гъе  уǽд –иу равзǽрыдысты йǽ зардǽйы ǽнкъарǽнтǽ уыцы чиныг кǽсгǽйǽ.

       Поэты хǽстон лирикǽйы кǽрǽй-кǽронмǽ хатǽм Рǽстдзинадыл ǽууǽндыны мотивтǽ.Нǽ цǽстыты раз ǽрлǽууы ,йǽ фыдыбǽсты сǽрибар бахъахъхъǽныны сǽрвǽлтау йǽ уд нывондǽн ǽрхǽссынмǽ цǽттǽ чи у,уыцы хǽдǽфсарм,удвидар,кадылмард лǽппуйы сурǽт.

        Поэт , дǽ фарн мǽрдтǽм нǽ  ацыди: фǽлтǽртǽн фǽзминаг сты дǽ лǽджыхъǽд, дǽ Зарǽг.

 

                                             Литерǽтурǽ:

1.» Критикон уацты ǽмбырдгонд» Дзǽуджыхъǽу .1994 аз.

2.»Ирон  литерǽтурǽйы истори» Джыккайты Шамиль.2002 аз.

3.»Тохы кадǽг» Дзǽуджыхъǽу ,1995 аз.

4.«Тохы зарǽг».Хуыгаты С.З. Владикавказ. Ир.1990 аз.

5«Нǽ Ир,ǽз хоры взар да зǽххыл» газет «Рǽстдзинад»,№17,2005 аз.

6.»Стыр ахуыргонд ,фыссǽг,тǽлмацгǽнǽг»,газет»Фидиуǽг».27.02.2010 аз.

7.»Ирон литерǽтурǽ. Ахуыргǽнǽн  чиныг» Ардасенты Х.

8.»Хуыцауы аудǽг цǽстǽй» ,газет»Рǽстдзинад,№33,2012 аз.

Категория: Мои статьи | Добавил: Novouruh (12.04.2015)
Просмотров: 700 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Поиск
Друзья сайта
  • Официальный блог
  • Сообщество uCoz
  • FAQ по системе
  • Инструкции для uCoz

  • Copyright MyCorp © 2024
    Конструктор сайтов - uCoz